ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕн Уӕрӕсейы таможнӕйон ӕмӕ арӕгӕрон структурӕтӕй коллегӕтимӕ иумӕ фӕстаг цалдӕр азмӕ бантыст ӕрӕхгӕнын республикӕмӕ уӕззау наркотикон буарадты ӕрбаласт ӕмӕ парахат кӕныны канал. Уый тыххӕй генералон прокуроры х.ӕ. Битеты Сергей радзырдта йӕ фембӕлды Цӕгат Иры прокурор Александр Морозов ӕмӕ Уӕрӕсейы Генпрокуратурӕйы минӕвар Сергей Ефимовимӕ.
Фембӕлд ацыд Цхинвалы, йӕ хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кодтой трансарӕнон фадракӕндтимӕ тох кӕныны фадыхъы ӕмархайды фарстытыл.
"Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органты хсӕн арӕнгӕрон ӕмгуыстады иууыл ахсджиагдӕр здӕхтытӕй иу у наркотикон ӕмӕ психотропон буарӕдты ӕрбаласт ӕмӕ парахат кӕныны канал ӕрӕхгӕнын. Фӕстаг цалдӕр азы республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕн, афтӕ ма Уӕрӕсейы таможнӕйон ӕмӕ арӕгӕрон структурӕты фӕстиуӕгджын куысты фӕрцы ӕхгӕд ӕрцыд уыцы канал", - банысан кодтой Генпрокуратурӕйы пресс-службӕйы фембӕлды фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.
Уагдоны ма банысан кодтой, уыцы хъуыддаджы стыр ахъаз кӕй ис РХИ ӕмӕ УФ мидхъуыддӕгты органты Иумӕйаг информацион-координацион центрӕн (ИКЦ), кӕцы байгом ис Цхинвалы 2016 азы.
Уымӕй дарддӕр ма фембӕлды дзырд цыд, дыууӕ бӕстӕйы территорийыл фырдракӕндтӕ цы гоймӕгтӕ сарӕзтой, уыдон агуырд ӕмӕ экстрадицийыл дӕр.