Гаглойты Алан ссардта Стыр Фыдыбæстон хæсты архайджыты рухс нæмттæ Черкесскы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Хъæрæсе-Черкесы сæргълæууæг Рашид Темрезовимæ хайад райста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстоны мемориалы дидинтæ сæвæрыны церемонийы Черкесскы Кады Аллейы.
Гаглойты Алан: "Хъæрæсе-Черкесы адæмæн мæ зæрдæ зæгъы ног æнтыстытæ æмæ дарддæры размæцыд"
Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны делегаци æмæ аннæ уазджытæн фенын кодтой амалиуæгад ООО "Квест-А"-йы куыст, кæцы уадзы текстилон таг.
Афтæ ма уазджытæн сарæзтой культурон нывæзт, бабæрæг кодтой Бæстæзонæн музей.