Коцты Марина: скъолаты скуыстимӕ фӕфылдӕр уыдзысты коронавирусӕй рынчынтӕ дӕр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны тыххӕй пробӕтӕ исыны тактикӕ абоны бон фӕивта, дохтыры басгӕрсты фӕстӕ уый сфидар кӕныны рынчыны хоскӕнынады тактикӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кӕны, хъӕуы йӕ тест ӕви нӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Уый фехъусын кодта, ныридӕгӕн дохтырты хъусдарды бын кӕй ис 284 рынчыны, уыдонӕй фондз сты "сырх зонӕ"-йы, аннӕтӕ хос кӕнынц амбулаторон уавӕрты. Дохтырты хъусдардӕй ивгъуыд суткӕ систой 25 сӕнӕнизуӕвӕджы.
"Коронавирус рафӕлгъауыны тыххӕй республикӕйы ис фаг тесттӕ, уыдон иууылдӕр сты ӕнӕаргъ. Фӕлӕ анализ хъӕуы саразын ӕви нӕ - уый скъуыддзаг кӕны дохтыр", - загъта уый.
Коцты Марина банысан кодта, зӕгъгӕ, скъолаты скуыстимӕ кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн вирусӕй рынчынты нымӕц дӕр. Уый ма иу хатт ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕххст кӕной профилактикон мадзӕлттӕ ӕмӕ низы симптомты фӕзындимӕ дзурой дохтыртӕм хӕдзӕрттӕм.
"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, абоны бон коронавирусон инфекци рынчынтӕ хӕссынц рогдӕрӕй, фӕлӕ уыимӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй ис рискы группӕтӕ ӕмӕ уыдон хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм", - бахахх кодта санитарон дохтыр.
Хуссар Иры Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады радзырдтой коронавирусимæ уавæры тыххæй
Уый ма бамбарын кодта, Югосетпотребнадзоры лаборатори кӕй рафӕлгъауы ӕрмӕстдӕр патогенон штамм, ома коронавирусӕн йӕхи, конкретон штамм рабӕрӕг кӕнынӕн та хъӕуынц ӕндӕр лабораторитӕ. Бахъӕугӕ рӕстӕджы республикӕйӕ анализтӕ арвитынц емынӕты ныхмӕ ставраполаг институтмӕ.