Æмбæлон дзуапп: Ростуризмы хистæр загъта, Уæрæсе кæй баузæлы алкæцы бæстæтæй уазджытыл дæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik. Ростуризмы сæргълæууæг Дыгъуызты Зæринæ радзырдта, цы бæстæтимæ нывæндынц сфидар кæнын æнæвизæйон балцытæ азы кæрæттæм, афтæ ма куыд хъавынц Уæрæсейы сдзуапп кæнын тобæтæн, кæцытæ бакодтой европæйаг бæстæтæ УФ æмбæстæгты ныхмæ.

"Мæ бон у зæгъын, æмæ ацы азы кæрæттæм кæй срæвдз кæндзыстæм æнæвизæйон къордгай балцытæ Иранмæ, азы кæрæттæм фæзындзæн фадат уырдæм цæуынæн. Ахæм принципмæ гæсгæ мах куыстам Китайимæ дæр, цалынмæ пандеми нæ райдыдта, уæдмæ", - загъта Дыгъуызты Зæринæ РИА Новости форум ВЭФ-2022 быдырты.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды хъавы æруынаффæ кæнын туристтæн визæйон режим фæрогдæр кæныны фарстытыл.
"Фæлæ бахынцдзыстæм Ныгуылæнимæ ахастыты уавæр дæр. Ныртæккæ уыдоны нæ фæнды, цæмæй сæм цæуой нæ туристтæ - æмæ табуафси. Хъыг у, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ уый у сæ позици", - бахахх кодта Ротуризмы сæргълæууæг.
Ростуризмы разамонæг Дыгъуызты Зæринæ радзырдта къабазы ног фæткты тыххæй
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе ратдзæн Ныгуылæны ахæм къахдзæфтæн ассиметрион дзуапп - "сымах нæ хъæуынц нæ туристтæ, мах ты цæттæ стæм тынг æхсызгонæй райсын уæ бæлццæтты".
Дыгъуызты Зæринæ ма бахахх кодта, Уæрæсе кæй баузæлы алкæцы бæстæтæй уазджытыл дæр.