ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕмгуыстад экономикӕйы фадыджы дӕтты хорз фӕстиуджытӕ, загъта УФ экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвач Sputnik пресс-конференцийы.
"Цы цифрӕтӕ нӕм ис, уыдон ӕвдисынц, ӕрдӕгазмӕ Хуссар Ирыстоны экономикӕ кӕй бафтыдта 19 проценты онг. Иу ӕууыйас фӕфылдӕр ис не хсӕн товарты иумӕйаг ӕрзылд. Уый тынг ахсджиаг у, уый у хорз фӕстиуӕг", - загъта уӕрӕсейаг чиновник.
Дмитрий Вольвач ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы рӕзты потенциал бирӕ фылдӕр у, ӕмӕ нӕ хӕс у уыцы потенциал райгом кӕнын.
Уый ма загъта бузныг республикӕйы хицауады командӕйӕн стыр бакӕнгӕ куысты тыххӕй ног паддзахадон бадзырд бафыссыны фӕдыл.
"Мах цалдӕр мӕйы дӕргъы активонӕй куыстам ацы документыл, цӕттӕ йӕ кодтам, быцӕу кодтам, цыдыстӕм консенсусмӕ. Бантыст нын йӕ бафыссын, уый йӕ тыхы бацыд 22 августӕй. Бадзырд рагхыгъд кӕны куыстмыздты фӕфылдӕр дӕр", - банысан кодта министры хӕдивӕг.
Программӕйы, адарддӕр кодта уый, уӕлдай хъусдард здӕхт ӕрцӕудзӕн экономикӕйы приоритетон къабӕзтӕм - хъӕууон хӕдзарад, туризм, транспорт, логистикӕмӕ - ӕппӕт уыдӕтты фӕрцыреспубликӕ хъуамӕ цӕуа размӕ ӕмӕ дидин ӕфтауа.
Дмитрий Вольвач ӕрцыд кусӕгон балцы Хуссар Ирыстонмӕ. Республикӕйы чиновник фембӕлд президент Гаглойты Аланимӕ, афтӕ ма хайад райста Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты кусӕгон рабадты. Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы министры хӕдивӕг радзырдта республикӕйӕн йӕхи экономикӕйы рӕзты тыххӕй, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн паддзахадон нывӕзты реализацийы, афтӕ ма Инвестпрограммӕйы объектты тыххӕй.