ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны санитарон – эпидемиологон службæйы кусыджытæ мæ ветерантæн, кæцытæ цыппæрæмы нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Ивгъуыд æзты санитарон – эпидемиологон службæ рацыд стыр æмæ вазыгджын фæндаг æмæ ныр у æнæниздзинад хъахъхъæнынады цæджындз", - хъусын кæны паддзахады разамонæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Президент банысан кодта Югосетпотребнадзоры кусджыты æрвылбонон фыдæбон республикæйы цæрджыты æнæниздзинады охыл.
"Сæ профессийыл иузæрдиондзинад Югосетпотребнадзоры кусджытæ сбæлвырл кодтой бирæ хатт. Пандеми COVID-19-имæ тохы санитарон–эпидемиологон службæйы куысджытæ равдыстой æцæг хъайтардзинад", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Уый ма бафиппайдта, санитарон – эпидемиологон службæйы кусыджыты фæрцы кӕй æнтысы æруромын тæссаг инфекцийы апарахат æмæ стабилон эпидемиологон уавæры цæрын.