Куыст ӕрнывыл кӕнын ӕмӕ депутатты консолидаци: цӕмӕ кӕсынц Хуссар Иры ног спикермӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты ног спикер Ӕлборты Алан сарӕхсдзӕн йӕ куысты ӕмӕ ракӕндзӕн закъондӕттӕг органты куыст ног ӕмвӕзадмӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта депутат Бесаты Зита.
Ӕлборты Аланы парламенты сӕрдарӕй равзӕрстой цыппӕрӕмы сессийы сусӕг хъӕлӕсӕппӕрстӕй. Раздӕры спикер Тадтаты Алан йӕхи куырдиатмӕ гӕсгӕ ацыд йӕ бынатӕй.
"Мӕн уырны кӕй йын бантыстдзӕн ӕрнывыл кӕнын парламенты мидӕггагон куыст. Депутаттӕ цы партиты минӕвӕрттӕ сты, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ нын ис иумӕйаг хӕс - адӕмы хӕрзӕбон, экономикон размӕцыд ӕмг ӕдасдзинады фарстытӕ",- загъта депутат.
Уый ма радзырдта, ӕввахс рӕстӕг закъондӕттӕг орган цы фарстытӕм ӕркӕсдзӕн, уыдоныл.
Кусдзыстӕм ӕнгомӕй: Ӕлборты Алан бузныг загъта депутаттӕн се 'ууӕнчы тыххӕй
"Ӕркӕсдзыстӕм техникон фарстытӕм. Спикер хъуамӕ ссӕрибар кӕна комитеты хистӕры бынат, уый раздӕр разамынд дӕтта парламенты сӕудӕджерады комитетӕн",- бафтыдта Бесаты Зита.
Парламентарий ма бафиппайдта, ӕввахс рӕстӕг кӕй ӕркӕсдзысты 2023 азы бюджетмӕ. Октябры-ноябры финансон документ хъуамӕ уа депутаттӕм.
"Фӕнды нӕ цӕмӕй ацы куыст талф-тулфӕй ма цӕуа, фӕлӕ бӕстонӕй сахуыр кӕнӕм документ ӕмӕ цалдӕр ӕркаст саразӕм ӕмӕ дзуапп дӕтта паддзахадон приоритеттӕн",- бахахх кодта уый.
Уый ма бафиппайдта, сӕ разы лӕууы хӕс социалон фадыджы ӕмӕ ӕвзарӕн закъӕтты ӕрӕмных кӕнын Конституцимӕ.
Тадтаты Алан ацыд Хуссар Иры парламенты спикеры бынатæй