Цӕгат Ирмӕ фыццаг хатт срӕвдз кодтой организацигонд туртӕ - Дыгъуызты Зӕринӕ

Хӕдтӕхӕг Мӕскуыйӕ туристты фыцца къордимӕ ӕртахт Дзӕуджыхъӕумӕ бон раздӕр
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. "Ростуризм"-ы сӕргълӕууӕг Дыгъуызты Зӕринӕ фехъусын кодта, туризмы фӕдыл нацпроекты фӕлгӕтты Цӕгат Ирыстонмӕ кӕй срӕвдз кодтой организацигонд туртӕ.
"Ростуризм ӕмӕ "Интурист" фыццаг хатт срӕвдз кодтой организацигонд ткртӕ Ирыстонмӕ. Программӕйы алцыдӕр у хӕрзвадат бӕлццӕттӕн. Балцӕгмӕ хауы атахт, цӕрын ӕмӕ экскурситӕ, уый та ахъаз у улӕфт саразын бирӕ цымыдисондӕр ӕмӕ ирддӕр", - ныффыста Дыгъуызты Зӕринӕ йӕ Telegram-каналы.
Уый бамбарын кодта, туристтимӕ хӕдтӕхджытӕ Мӕскуыйӕ Дзӕуджыхъӕумӕ кӕй тӕхдзысты цыппӕрӕм ӕмӕ хуыцаубонты.
"Ростуризм"-ы хистӕр ма фехъусын кодта, туристӕн йӕ бон кӕй у равзарын балцы дӕргъвӕтиндзинад.
Ростуризм рарвитдзӕн Цӕгат Ирӕн грантон ӕххуыс туристон къабазы райрӕзтӕн