Ростуризм рарвитдзӕн Цӕгат Ирӕн грантон ӕххуыс туристон къабазы райрӕзтӕн

© Sputnik / Denis Abramov /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстон, Дӕргъӕвс
Цӕгат Ирыстон, Дӕргъӕвс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik. Ростуризмы сӕргълӕууӕг Дыгъуызты Зӕринӕ фехъусын кодта, уагдон кӕй равзӕрста 48 регионы, цӕмӕй сын бакӕна грантон ӕххуыс туризмы проектты фӕдыл 2023 азы. Претендентты нымӕцы ис Цӕгат Ирыстон дӕр.
Уагдон ӕдӕппӕт райста 231 куырдиаты 82 регионӕй, уыдонӕй конкурсон равзӕрст ацыдысты 44 регионы. Равзаргӕ регионты грантон ӕххуыс цы проекттӕ райсдзысты, уыдонӕн конкурс ацӕудзӕн 2023 азы.
Уӕлахиздзаутӕ, кӕцыты хсӕн ис Ирыстон дӕр, райсдзысты 3,1 миллиард сомы денджызты, цӕугӕдӕтты ӕмӕ цӕдты былгӕрӕтты пляжон зонӕтӕ саразынӕн, афтӕ ма национ туристон маршруттӕ саразын ӕмӕ райтынг кӕнынӕн.

"Ацы фӕрӕзтӕй фӕнд кӕнӕм балӕууын 375 проекты фарсмӕ", - хъусын кӕны Дыгъуызты Зӕринӕйы ныхӕстӕ 15-ӕм Регион.

Банысангонд ма ӕрцыд, ӕдӕппӕт 2023 азы нывӕзты кӕй ис 1 мин проекты среализаци кӕнын, сӕ иумйаг аргъ 5,3 миллиард сомы.
Дӕргъӕвс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2022
Дӕргъӕвсы зӕппадз ӕмӕ Хъазбеджы хох быцыдысты Иры ӕнӕмӕнгӕй бацӕуинаг бынӕтты номхыгъдмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0