ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы банысан кодтой Паддзахадон тырысайы бон. Зарджытӕ, кӕфтытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ раныхастӕ се 'ппӕт дӕр абон нывонд сты национ ӕртӕхуызонӕн.
Мадзал райдыдта хӕххон кафтӕй, сӕххӕст ӕй кодтой ахуырадон уагдоны кафты ансамбль. Скъолайы дыккаг уӕладзыджы ӕрӕмбырд сты ахуырдзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, сывӕллӕттӕ сӕххӕст кодтой ирон тырысайӕн нывонд зарджытӕ, ӕрдзырдтой йӕ ратӕдзӕнтӕ ӕмӕ куыд фидар цыд, уыдӕттыл.
Цхинвалы ахуырдзаутӕн Тырысайы бон радзырдтой паддзахадон символикӕйы тыххӕй
© Sputnik / Фатима Плиева
Скъолайы директор Гобозты Русудан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта тырысайы фӕзынды истори ӕмӕ бафиппайдта, абон ахуырадон уагдоны кӕй ацыдысты уроктӕ геральдикайы фӕдыл.
"Арфӕ уын кӕнын бӕрӕгбоны цытӕн. Уадз ӕмӕ нӕ республикӕ рӕза, размӕ цӕуа. Сымах та рӕзут сабыр арвы бын ӕмӕ сӕрыстыр ут, алайнаг тырысайы бын кӕй схъомыл стут", - загъта уый.
Цытджын ралӕуды фӕстӕ ахуырадон уагдоны кӕрты ацыд паддзахадон тырысайыл схӕцыдыны церемони.
Цхинвалы ахуырдзаутӕн Тырысайы бон радзырдтой паддзахадон символикӕйы тыххӕй
© Sputnik / Фатима Плиева