Национ иудзинады символ: Гаглойты Алан Республикӕйы боны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары дыццӕджы ацыд ӕхсӕнады цытджын ӕмбырд, кӕцы нывонд уыд Республикӕйы бонӕн.
Хуссар Ирыстон дыццӕджы нысан кӕны Республикӕйы расидты 32-ӕм афӕдзыбон. 1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар-Ирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Ацы бон республикӕ сарӕзта йӕ фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.
Паддзахадон драмтеатры бӕстыхайы ӕрӕмбырд сты хицауады, министрӕдты, структурӕты, ахуырадон ӕмӕ культурон уагдӕтты минӕвӕрттӕ. Бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты уазджытӕ Уӕрӕсе, Абхаз, ДАР, ЛАР, Цӕгат Ирыстон, Дагъыстан, Хъӕрӕсе-Черкеси, Цӕцӕн, Днестргӕронӕй. Уыдонӕн зал скад кодта лӕугӕйӕ.
Мадзал райдыдта Республикӕ Хуссар Ирыстоны бындурӕвӕрды фӕдыл историон кадртӕй.
Президент Гаглойты Алан ма ноджы иу хаттзӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цавӕр фӕндӕгтыл рацыдысты хуссарирыстойнаг адӕм ӕмӕ загъта республикӕйы ног историйы иууыл хъысмӕтхӕссӕг датӕтӕ.
"Бузныг стӕм, зын рӕстӕджыты нӕ фарсмӕ чи рбалӕууыд, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр: ӕфсымӕрон Цӕгат Ир, Цӕгат Кавказы хӕларадон бӕстӕтӕ ӕмӕ иумӕйагӕй сисгӕйӕ, Уӕрӕсе. Ирон адӕмы номӕй мӕ фӕнды стыр бузныг зӕгъын Владимир Путинӕн, Уӕрӕсе цы хорздинӕдтӕ сакрӕзта ӕмӕ дарддӕр дӕр аразы, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. Абон цы бӕрӕгбон нысан кӕнӕм, уый у национ иудзинады символ, фӕлтӕрты бастдзинад, кӕцытӕ арӕзтой ӕмӕ хъахъхъӕдтой хӕцӕнгарзимӕ республикӕ", - загъта уый.
Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты, ӕмӕ республикӕйы бындурӕвӕрджыты нӕмттӕ, кӕцытӕ ахицӕн сты адунейӕ, ссардтой иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.
Алыгъуызон къабӕзты иууыл хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ равдисӕг кусджыты президент схорзӕхджын кодта паддзахадон хорзӕхтӕй.
РЦИ-А парламенты сӕрдар Алексей Мачне раарфӕ кодта хуссарирыстойнаг адӕмӕн бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ 20 сентябрь схуыдта "адӕмы бон".
Афтӕ ма цытджын ӕмбырды раныхас кодтой ӕфсымӕрон бӕстӕты делегациты разамонджытӕ ӕмӕ загътой цӕрджытӕн иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ.
Хуссар Ирыстон нысан кӕны Республикӕйы бон