Цхинвалы ацыд ӕфсӕддон парад Республикӕйы боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Цхинвалы Театралон фӕзуаты дыццӕджы райсом ацыд ӕфсӕддон парад, кӕцы нывонд уыд Республикӕйы бонӕн.
Мадзалмӕ сӕйраг трибунӕйӕ фӕлгӕсыдысты республикӕйы къухдариуӕгады уӕнгтӕ президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, афтӕ ма цытджын уазджытӕ Уӕрӕсе, Абхаз, ДАР, ЛАР, Цӕгат Ирыстон, Дагъыстан, Хъӕрӕсе-Черкеси, Цӕцӕн, Днестргӕронӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ бӕрӕгбоны хайад райсыны тыххӕй.
Мадзал райдыдта Паддзахадон тырыса ӕмӕ Гарзджын тыхты хӕстон тырысайы рахастӕй фӕзуатмӕ.
Гаглойты Алан ӕрӕмбырдуӕвджыты раз йӕ раныхасы банысан кодта, сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрвӕлтау бирӕазон тохы фӕстӕ республикӕйӕн ныр кӕй ис фадат ахӕм бӕрӕгбон нысан кӕнынӕн.
"!990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстон равзӕрста иунӕг раст фӕндаг, ӕмӕ уыцы фӕндагыл ныр дӕр республикӕ цӕуы йӕ фидӕнмӕ", - загъта президент.
Хуссар Ирыстон нысан кӕны Республикӕйы бон
Трибунӕйы раз цытджын маршӕй рацыдысты Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады парадон къордтӕ, афтӕ ма МХМ, УУМ, ПӔК арӕнгӕрон службӕйы, юстицийы министрады, афтӕ ма УФ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ Арӕнгӕрон управленийы къордтӕ.
Уый фӕстӕ бӕстӕйы сӕйраг фӕзуатыл рацыд сӕрмагонд ӕфсӕддон техникӕ дӕр.
Ацы аз парад райста республикӕйы хъахъхъӕнынады ног министр Марат Павлов.
Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ адарддӕр сты Цхинвалы Ногдзиуты парчы, цы ран "Алайнаг кӕрты" фӕлгӕтты районты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма сфӕлдыстадон кружоктӕ ауагътой сӕ продукцийы равдыст.
Дарддӕр дӕр алыварсон ӕххуыс кӕндзыстӕм Хуссар Иры ӕфсымӕрон адӕмӕн - Путин