ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цӕрӕн пункт Эргнеты цур Инциденттӕ ма руадзыны ӕмӕ аиуварс кӕныны механизмты (ИӔАМ) форматы радон фембӕлды хайад райсдзысты журналситтæ дæр, уый тыххæй фехъусын кодта Хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Коцты Егор майрæмбоны фембæлды фæстæ.
Радон фембæлд нысан у 10 ноябрьмæ. Фембæлдтæ "æнæ журналисттæй" цыдысты пандемийы аххосæй тобæты фæстæ.
"Ныр та ногæй журналисттæн фадат уыдзæн бацæуын фембæлды райдайæнмæ, стæй фембæлды фæстæ та аныхас кæнын йæ архайджытимæ, цæуыл цыд дзырд, уый фæдыл", - загъта Коцты Егор.
Йæ ныхæтæм гæсгæ, абон фембæлды ахсджийаг тематæй иу уыд Цънелисы æнæзаконон пост айсыны фарст. Уымæй дарддæр ма дзырд цыд паддзахадон арæн фехалыны æмæ æндæр фарстытыл.
Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ ОБСЕ-йы минӕвӕрттӕн фембӕлд ацыд майрæмбоны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕныл.