Инал йæ иунæг фырты емцег радта ирон лæгмæ. Лæппу куы сыстыр и, уæд æм адæм хатын байдыдтой: — Цом, быдыр иу хатт фен уæддæрЛæппу рацыди, æмæ æрлæууыдысты иу былыл.
Бынæй зынди хъæу, æмæ йæм кастысты. Уæд лæппуйы иу лæг фæрсы: — Ацы комы дзаг дæ хорздзинадæй цы хъæуы? Лæппу загъта: — Уæ хуыздæрты сæртæ уын куы ралыг кæнин æмæ сæ ацы ком куы байдзаг кæнин, гъе уый мæ хъæуы хорздзинадæй.
Уæд æм ирон лæг фæмæсты æмæ йын йæ мадæн иу ныссидти. Лæппу уыцы æлгъыст йæ зæрдыл бадардта. Иу бон æлдар Инал йæ фырты абæрæг кодта. Йæ фырты фæрсы: — Куыд у, дзæбæх дын сты æви? — О, фæлæ мын иу лæг мæ мады ралгъыста. — Ницы кæны, хæрд æмæ уал нозт нæхирдыгæй фæуой, стæй сын æй æз бахатдзынæн, — загъта Инал æмæ ацыд Кæсæгмæ.
Иу бон Инал иу æмбалимæ æрбахызт Иры зæхмæ, йæ фырт кæм уыд, уыцы хъæугæрон æрæнцад.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.