Цхинвайлаг ӕрыгон спортсментӕ ссисты Цӕгат Иры призертӕ тагъд шахматтӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвайлаг шахматисттӕ ссисты РЦИ-Аланийы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ тагъд шахматтӕй. Шахмӕтты федерацийы сӕргълӕууӕг Саулохты Георгий куыд радзырдта, афтӕмӕй призон бынӕттӕ бацахстой шахматон скъола "Белая ладья"-йы ӕртӕ хъомылгӕнинаджы: Тыбылты Аланӕ, Михаил Логачов ӕмӕ Уанеты Валерия.
"Тыбылты Аланӕ ссис Цӕгат Ирыстоны чемпионкӕ чызджыты хсӕн. Уанеты Валерия бацахста дыккаг бынат. Михаил Логачев та ссис бронзӕйон призер. Михаил ӕрцыд ацы уалдзӕджы Донецкӕй. Уӕдӕй нырмӕ уый ахуыр кӕны махмӕ ӕмӕ йын сӕрыстыр стӕм йе 'нтыстытӕй", - загъта тренер.
Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ, ӕрыгон шахматистты ӕнтыстытӕ бирӕбӕрцӕй сты тренерон сконд ӕмӕ "Белая ладья"-ы фӕрцы.
"Цӕгат Ирыстоны шахматты скъола у Цӕгат Кавказы тыхджындӕртӕй сӕ иу, ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ афтӕ хорз сӕи кӕй равдыстой, уый стыр аккаг ӕнтыст у", - бахахх кодта Саулохты Георгий.
Шахматты ӕмӕ шашкӕты федераци Хуссар Ирыстоны сӕвзӕрд 2014 азы спорты интеллектуалон хуызты популяризацийы нысанӕн. Иу азы фӕстӕ организаци адих ис дыууӕ хицӕн федерацийыл - шахмӕтты ӕмӕ шашкӕты. Шахматон скъола "Белая ладья" та байгом Цхинвалы 2020 азы.
Цхинвалы интернаты ахуырдзау рамбылдта Спорты скъолайы фыццагад шахмӕттӕй