Чи уыдысты зикргæнджытæ, кæнæ цы уыд зикр? Зикр рагæй уыд Кавказы, фæлæ йын мюридизмы цæст æрттивгæйæ дины иумæйаг сектæ суа, уый нæ бантыст. Уый фæстæ мюридизм ныффæйлыдтой тыхæйисджытæ, æмæ Кавказы фæзындысты зикризмы фыццаг ахуыргæнджытæ: Исмаил — Эффенди — Ширванский, Хадзы — Кюринский, Кунта-Хадзы, æмæ æрæджиау "зикр" йæ базыртæ айтыгъта.
"Зикр" кæй сзыгъуыммæ кодтой, уыцы араббаг дзырд "зикирь" у æмæ нысан кæны "стауын", Хуыцауæй æппæлын. Хуымæтæджы ламазæй не ’фсæстысты стыр Аллахы иузæрдыг цагъарты коммæгæс удтæ æмæ-иу фæсламаз суанг фæуадзыджы онг фæлхат кодтой хъуыраны уыцы иу ныхæстæ: "Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах! — нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ, Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!"
Уыцы иугъæдон хъæлæсæй-иу зарыдысты пысылмонтæ, цалынмæ-иу сæ хъару бынтон нæ асаст æмæ-иу сæ равзаргæтæм не ’рцыд "джазмæ" æмæ-иу хуыцауы фæдзæхстæй нæ фæуадзыг сты, уæдмæ. Зикиргæнæг уыцы ныхæстæ стаугæйæ куы фæуадзыг уыдаид, уæд æй æппæтфæразон Аллах хуымæтæджы зæххон лæджы хъауджыдæр йæ хæтæнтæм кæй бауагътаид, ууыл гуырысхо нæ кодта.
Уадзыгæй иунæг Хуыцауимæ сиу уыдаид, æмæ йæ, хæтæнты уæвгæйæ, зæххон лæджы цæст кæмæ не ’ххæссы, уыцы сусæгдзинæдты æвдисæн суыдаид. Уый уырныдта рæстуырнæг пысылмонты æмæ-иу нал уыд кæрон "ля илляге иль алла"-йæн.
Фæстагмæ афтæ скадджын ис хъуыраны сурæйы уыцы иу рæнхъ æмæ пысылмонты тырыса ссис.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.