Хуссар Иры хицауад сарæзта кадрон ивындзинæдтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны кæцыдæр уагдæтты сарæзтой кадрон ивындзинæдтæ. Уыдон хауынц Ахуырады министрадмæ, Культурæйы министрадмæ, афтæ ма столицæйы мэрия æмæ Цхинвалы районы администрацимæ.
Министрты кабинет хорзыл банымадта Къацты Филиппы культурæйы министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кæнын фæдыл. Уагдоны сæргълæууæг Зæгъойты Радайы ныхæстæм гæсгæ, скъуыддзаг рахастой, уымæн æмæ Къацты Филипп бахæццæ граждайнаг службæйы кæройнаг кармæ.
"Уый рахызт куыстмæ театрмæ. Къацты Филипп у хъæздыг фæлтæрдимæ æмæ стыр сгуыхтдзинæдтимæ адæймаг. Уый у аивады адæймаг, æмæ кусдзæн йæхиуæтты хсæн", - загъта Зæгъойты Рада.
Абон ма культурæйы министры хæдивæгæй снысан кодтой Мамиты Григорийы. Уый дæр бирæ рæстæг кусы культурæйы фадыджы, афтæ ма хуссарирыстойнаг драмон театры дæр.
Мамиты Григорий
Ног хæдивæг снысан кодтой Цхинвалы мэрæн дæр – Джуссойты Василийы.
Джуссойты Василий
Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй снысан кодтой Цхуырбаты Александры. Районы разамонæджы ноджы иу хæдивæг ссис Кокойты Маирбег.
1 / 2

Цхуырбаты Александр

2 / 2

Кокойты Маирбег

Уымæй дарддæр ахуырады министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кодтой йæхи фæндонмæ гæсгæ Гаглойты Элисайы.