2023 азы мады капитал фыццаг сабийӕн схиздзӕн 590 мин соммӕ - Уӕрӕсейы фӕллойады министрад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы 2023 азы мады капиталӕн сараздзысты индексаци, хъусын кӕны РИА Новости фӕллойады министрады пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Уый адыл 2023 азы мады капиталы бӕрц фыццаг сывӕллонӕн суыдзӕн 590 мин сомы онг, дыккагӕн та - 780 мин сомы онг.
"2023 азы мады капитал индексаци ӕрцӕудзӕн фактон инфляци ӕмвӕзадмӕ гӕсгӕ. Индексаци ӕрцӕудзӕн 1 февралӕй. Мады капиталы фӕфылдӕры хӕрдзтӕ ӕвӕрд сты Уӕрӕсейы Социалон фонды бюджеты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Индексацийы фӕлгӕтты фыццаг сывӕллоны капитал уыдзӕн 589,5 мин сомы, уый у 65мины фылдӕр фаронмӕ абаргӕйӕ. Дыккаг сабийӕн та 779 мин сомы, уый та 2022 азмӕ абаргӕйӕ у 85,9 мин фылдӕр, бамбарын кодтой пресс-службӕйы.
Кӕд ӕмӕ бинонтӕ фыццаг сывӕллоны капитал райстой раздӕр, уӕд дыккаг сабийы райгуырдӕй та мады капиталы аргъ уыдзӕн 189,5 мин сомы, уый та фаронмӕ абаргӕйӕ у 20,9 мины фылдӕр.
Мады капиталӕй спайда кӕныны бар радтой ИА райсгӕ ахуырад бафидынӕн