Паддзахы номæй сæрвыстой ирон дзыллæмæ иу инæлары, ныр Екатериноградскæй станицæ кæй хонынц, уырдыгæй. Нæхирдыгонау та уыцы станицæ хуыдтой Сæпачъе.
Сиды йæхимæ ирон адæмы раззаг адæмтæм æрныхас кæнынмæ, æрфидауынмæ. Чиныг кæмæн арвыста, уыдон бацыдысты Куырттаты коммæ. Куырттаты комы дзыхæй дæр загътой, чиныг дæр радтой.
Чиныгмæ ракæс-бакæс кодтой, æмæ дзы чи цы бамбæрстаид! Стæй æрæмбырд сты, кæмæн æй бакæсын кæнæм, зæгъгæ. Æмæ хъуыстгонд уыди Мамиаты Хъарадзау, чиныджы зонæг æмæ Уырысмæ цæуæг лæг, æмæ йæ уымæ фæхæссæм æмæ йæ уый бакæса, зæгъгæ. Сбадтысты бæхтыл иу къорд лæджы æмæ фæцыдысты Уæлладжыры коммæ, туалтæм, Мамиаты Хъарадзаумæ. Хъарадзау сæ суазæг кодта. Чиныджы бакаст æмæ сын загъта:
— Æцæгдзинадæй, паддзах сиды ирон адæммæ. — Стæй ма загъта чиныгхæсджытæн: — Абон майрæмбон, фæлæ мæм иннæ майрæмбоны æнхъæлмæ кæсут, сæмбæлдзынæн Хидыхъусмæ, мемæ дæр ма ардыгæй лæгтæ ахондзынæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.