Уӕрӕсейы президент бафыста барамынд ӕмбӕстӕгты ӕртӕ категорийӕн мобилизаци аргъӕвыны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд мобилизацийы фӕлгӕтты ӕфсӕддон ӕрсидт аргъӕвыны фӕдыл указмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл, хъусын кӕны Кремлы пресс-службӕ.
"Бардзырды фӕлгӕтты ӕрсидт аргъӕвдзысты студенттӕн, кӕцытӕ исынц фыццаг ахуырад боны науӕд та фӕсаууонмӕ хайадты. Ахӕм бар ма ис ноджы студенттӕ, аспиранттӕ ӕмӕ ординатртӕн, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц паддзахадӕй аккредитацигонд программӕтӕм гӕсгӕ астӕуккаг ӕмӕ уӕлдӕр профессионалон ахуырад райсыны фӕдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр ма ӕрсидт аргъӕвдзысты гоймӕгтӕн, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц инновацион зонадон-технологион центрты территоритыл ӕвӕрд организациты, афтӕ ма динон ахуырадон уагдӕтты.
Президент Владимир Путины бардзырдӕй 21 сентябрӕй Уӕрӕсейы райдыдта хайон мобилизаци.
Путин бафыста закӕттӕ ног территоритӕ Уӕрӕсейы скондмӕ райсыны фӕдыл