Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой разысгарæн къорды офицер Джуссойты Альбертæн, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.
Дыццæджы сæдæгай адæм æрæмбырд сты микрорайон "Шанхай"-ы, цæмæй фæстаг хæрзбон зæгъой хæстонæн. Фыдохы митингмæ æрбацыдысты хицауады минæвæрттæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, парламенты депутаттæ, афтæ ма Хъахъхъæнынады министрад æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонтæ.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой, Джуссойты Альберт кæй фæмард хъайтардзинад равдисгæйæ запорожаг здæхтыл. Уый йæ цард снывонд, цæмæй йе ‘мгæрттæ фервæзой.
Паддзахады сæргълæууæг равдта хъайтары бинонтæн майдан "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæгæн". Фыдохы митингы ма ралæууыдысты Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы минæвæрттæ.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн