ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕ ис 17 фадыгон дохтыры дӕлбар. Уыдон рынчынты исынц поликлиникӕйы, цӕуынц сӕм хӕдзӕрттӕм ӕмӕ ӕппӕтдӕр хъуамӕ зоной сӕ фадыджы цӕрджыты ӕнӕниздзинады тыххӕй.
"Горӕт Цхинвал дих у 17 фадыгыл, алкӕцыйӕн ис йӕхи фадыгон дохтыр ӕмӕ медхо. Уыдон бӕрны ис цӕрджыты ӕнӕниздзинад. Цӕуынц хӕдзӕрттӕм пациенттӕм ӕмӕ уадзынц поликлиникӕйы химӕист", - радзырдта Sputnik сӕйраг терапевт Санахъоты Тамара.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фадыгон дохтырты дӕлбармӕ адӕм бахизынц 18 азы карӕй ӕмӕ сӕ ӕнӕниздзинад сӕ бӕрны вӕййы цалынмӕ цӕрой, уӕдмӕ.
Уый ма бамбарын кодта, тагъд ӕххуыс ӕмӕ фадыгон дохтырты хӕстӕм цы хауы.
"Пациенты уавӕрмӕ гӕсгӕ бӕрӕг цӕуы, кӕмӕ хауы йӕ ӕнӕниздзинад. Кӕд тынг тыхст у, уӕд хъӕуы фӕсидын тагъд ӕххуысы службӕмӕ. Фадыгон дохтырмӕ та дзурынц хӕдзармӕ фӕлхатонӕй йӕ басгарын куы хъӕуа, уӕззау рынчынты стационарӕй куы рафыссынц, уый фӕстӕ ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты", - бахахх кодта Санахъоты Тамара.
Уый ма бафиппайдта, дохтыртӕ сӕ дӕлбар фадыджы адӕммӕ сӕ хъус хъуамӕ дарой, уыдон уынгӕг профилон специалистты хъусдарды бын куы уой, уӕддӕр.