Къуыдаргомы сӕндидзӕн кодтой фӕндагон бастдзинад Саджилзазы хъӕумӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕт Къуаисайы цӕрӕнуатон-коммуналон службӕйы тыхтӕй сӕндидзын кодтой фӕндагон бастдзинад бӕрзонд хъӕу Саджилзазмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты мэр Хуыгаты Алан.
Фӕндаг фӕласта иу мӕйы размӕ.
"Куыстытӕ нывӕзты нӕ уыдысты. Нӕ коммуналон службӕтӕ ныккалдтой хуыр ӕмӕ сраст кодтой фӕндаг Саджилзазмӕ. Ацы фӕндагыл хӕдтулгӕ нал хызт. Куыстыты архайдтой техникӕйы ӕртӕ иуӕджы", - загъта горӕты хицау.
Къуыдаргомы сӕндидзӕн кодтой фӕндагон бастдзинад Саджилзазы хъӕумӕ
Бӕрзонд хӕххон хъӕу ӕвӕрд ис Къуыдаргомы центрӕй аст километры дарддӕр.
"Фӕндаджы цалцӕггӕнинаг хай уыд 300 метры бӕрц. Ацы хибар хъӕуы нырма дӕр цӕры цыппар хӕдзары", - бафтыдта Хуыгаты Алан.
Къуыдаргомы сӕндидзӕн кодтой фӕндагон бастдзинад Саджилзазы хъӕумӕ