ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы раздæры гендиректоры фæдыл, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.
Уый размæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы рабадтыл тыхон структурæты разамонджытимæ, республикæйы генпрокурор Битеты Сергей фехъусын кодта, "Водоканал"-ы раздæры разамонæг кæй æрхаста зиан дыууæ милуан сомы бæрц.
"2022 азы 9 сентябры паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы директоры ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг йæ службæйон хæсты сæрты ахизыны фæдыл. Фæдагуырд сбæрæг кодта, "Водоканал"-ы гендиректор куыстуаты финансон фæрæзтæй балхæдта æвгæнæн хæдтулгæ 2 000 000 сомæй горæт Цхинвалы администрациимæ нæ баныхасгæнгæйæ" – дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, балхынцъ ис басгæрст, кæцыйы рæстæджы сбæрæг кодтой 15 222 013 сомы æнæбындурон рахицæн нардуатон организацитæн, кæцытæ æххæст кодтой куыстытæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты.