Цхинвалы æрцыд ФТЦ, зианбаййафджытæ дзы нæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Цхинвалы дыццæджы райсом æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), сæмбæлдысты хæдтулгæтæ Honda Elysion æмæ Лада Калина.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ФТЦ æрцыд Советон – Хъайтарты уынгты алвæндагыл 12.30 сахатыл.
"Сæмбæлдысты хæдтулгæтæ Honda Elysion æмæ Лада Калина. Цæфæй Honda афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн ничи бахъыгдард. Хæдтулгæтæ райстой механикон цæфтæ", - банысан кодтой МХМ.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ бæрæг кæнынц аварийы аххосæгтæ.
Цхинвалы æрцыд ФТЦ