Хуссар Иры дыууæ районы бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы æмæ Знауыры районты бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъæууонхæдзарадон министрады пресс-службæ.
Куыстытæ уагъд цæуынц донхæрæн сезонмæ цæттæкæнынады фæлгæтты. Бадаты хъæуы куыстуат "Мелиорация"-йы кусджытæ сараздзысты ног канал, кæцы баххуыс кæндзæн бынæттон фермертæн мелиорациимæ.
Паддзахадон куыстуат "Мелиорация"-йы директор Хуыгаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ сты зын, уымæн æмæ бирæ бырон калд цæуы каналтæм. Уый фæдыл счъиззи вæййынц донхæрæн системæтæ. Афтæ ма проблемæ у кусæгон техникæйы цухдзинад. Фæлæ, уагдоны сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, сыгъдæг кæнæн куыстытæ фæуыдзысты нысангонд æмгъуыдмæ.