Цхинвалы ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы персоналон равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт ацӕудзӕн бынӕттон ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы куыстыты равдыст. Адӕмы размӕ рахӕсдзысты 40 нывы бӕрц. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта нывгӕнӕг йӕхӕдӕг.

"Мӕ куыстытӕй 40 бӕрц рахӕсдзӕн Цхинвалы мӕ фыццаг персоналон равдыстмӕ. Фыссын авангарды стилы",- загъта Ӕлборты Лира.

Ӕвзонг нывгӕнӕг ис 27 азы кары, фӕлӕ йын ӕнтысгӕ бирӕ бакодта. Уый у Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы равдыстты архайӕг.
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы персоналон равдыст
Ныридӕгӕн кусы Дзӕуджыхъӕуы, фӕлӕ чызг схъомыл ис Цхинвалы, райдайӕн нывгӕнӕн ахуырад дӕр райста ам Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон ахуыргӕнӕндоны, уый фӕстӕ адарддӕр кодта йӕ ахуыр Дзӕуджыхъӕуы. Иу рӕстӕг архайдта дарӕсы дизайны, рауагъта йӕхи пысултӕ этностилы.

"Ныридӕгӕн кусын Дзӕуджыхъӕуы. Мӕ куыстытӕ бавдисын хисӕрмагонд ӕмӕ паддзахадон галерейтӕ ӕмӕ музейты. Мӕ нывты ис бирӕ ирд ахорӕнтӕ. Хуызты фӕрцы ыз ӕвдисын мӕ ӕнкъарӕнтӕ", - бафтыдта чызг.

Чызг равдыстты архайы 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Цхинвалы персоналон равдыст ацӕудзӕн ХИПУ-йы бӕстыхайы, Культурӕйы министрады хъӕппӕрисӕй, йӕ баконд нысан у 21 ноябрьмӕ.
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы персоналон равдыст