Хуссар Иры райстой Венесуэлайы минæвары Уæрæсейы Хесус Саласар Веласкесы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд ФХМ фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Венесуэлайы минæвар Уæрæсейы Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы фембæлд. Фарсытæ æрдзырдтой дыууæ бæстæйы хсæн ахастытыл, афтæ ма Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ æмæ АИШ-ы политикæйыл.
Хуссарирыстойнаг фарс райста уазджыты æмæ равдыста цæттæдзинад æмгуыстадмæ. Афтæ ма фембæлды рæстæджы банысан кодтой экс-президент Уго Чавесы хайбавæрд дыууæ бæстæйы ахастыты райрæзтмæ.

"Команданте Уго Чавес уыд уыцы адæймаг, кæцыйы фæрцы райдыдта æхсæнпаддзахадон æмгуыстад æмæ æмархайд. Махмæ ис цалдæр бадзырды 2012 азæй, æмæ, гæнæн ис, уæ балцы фæстæ нæ бæстæты хсæн æмгуыстад райтынг уа", - загъта Цхуырбаты Андрей.

Хуссар Иры райстой Венесуэлайы минæвары Уæрæсейы Хесус Саласар Веласкесы
Веласкес та банысан кодта, разы кæй у позициимæ, кæцы ахсы Венесуэла дунейон аренæйы.
"Мах зонæм Уæрæсейы ныхмæ резолюциты фæдыл хъæлæскæнынады фæстиуджыты тыххæй, кæцытимæ Венесуэла разы нæу. Уый та нæ ноджы фылдæр æрбаиу кæны æхсæнадæмон фæзуатыл. Гæнæн ис æрцыд рæстæг равдисын æхсæнадæмон фæзуæттыл нæ иудзинад, æмгуыстад æмæ дунейы процессты иумæйаг уынынад. Алы бындуртæ дæр махæн уый фæдыл ис, сæ нымæцы документ Æхсæнадæмон политикон консультациты фæдыл", - банысан кодта минæвар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Венесуэла ис карз санкциты бын АИШ æмæ цæдисонты рдыгæй.
Веласкес бафтыдта, зæгъгæ, дыццæджы æрцыд историон цау – Колумби æмæ Боливарианаг Республикæйы президентты фембæлд. Минæвар банысан кодта, бирæ азты дæргъы уыдонæн Колумбиимæ нæ уыд ахастытæ АИШ-ы æндæвдады аххосæй паддзахадыл, фæлæ ног президенты равзæрсты фæстæ уавæр фæхуыздæр.
Фембæлды кæрон Каракасы минæвар Венесуэлайы президент Николас Мадуройы номæй радта Цхуырбаты Андрейæн кады грамотæты копитæ.