ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы 18 ноябры ацæудзæн республикæйы парламент æмæ УФ Федерацийы Советы æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл къамисы рабадт. Уый тыххæй фехъусын кодта æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.
Боны фæткы уыдзысты авд фарсты.
"Делегацийы сæргъ лæууы æхсæнпарламентон къамисы æмсæрдар Сергей Цеков. Æрцæудзысты сенатортæ Крым Казаноков, Елена Бибикова, Римма Галушина æмæ УФ Федерацийы Советы æмæ РХИ парламенты хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы уæрæсейаг хайы бæрнон секретарь Надежда Дахова. Уыдон æрцæудзысты республикæмæ 17 ноябры, кусæгон программæ арæзт у 18 ноябрьмæ", - загъта Дриаты Заза.
Уæрæсейаг делегацийы сконды сты цыппар сенаторы æмæ бæрнон секретарь. Хуссарирыстойнаг фарсæй хайад райсдзысты Джиоты Елена, Уырыгаты Инал æмæ Плиты Александр. Депутаты ныхæстæм гæсгæ, делегациимæ фембæлдзæн Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар дæр.