Дзæуджыхъæуы сараздзысты ног скъола 1100 бынатимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты фидæнмæ майы мæйы æрæвналдзысты 1100 ахуыр кæныны бынат кæм уа, ахæм скъола амайынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Куыстытæ сæ кæронмæ бакæнын сæ нывæсты ис 2024 азы, ахуыргæнæн уагдон фæзындзæн уынг Владивостокскаяйыл. Проект сфидар кæндзысты цалдæр мæйы фæстæ, амайæн организаци нырид у бæрæг.
Нысангонд æрцыд, скъола кæй фæзындзæн рухстауæн министрады хъæппæрисмæ гæсгæ Внешэкономбанчы æмархайдæй.