Ног азы къӕсӕрыл Цхинвалы байуардзысты 150 фатеры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕ азы кӕронмӕ йӕ балансмӕ райсдзӕн 150 фатеры. Хӕдзӕрттӕм радты чи лӕууы, уыдоны ᾿хсӕн сæ байуардзысты, фехъусын кодта йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы мэр Къацты Гено.

"Ацы аз мах райсдзыстӕм 150 ног фатеры раздӕры тынуафӕн фабрикӕйы территорийыл цы корпустӕ амад цӕуынц, уым. Иу хӕдзар у цӕттӕ, дыккаг дӕр тагъд фӕуыдзӕн арӕзт. Мах сӕ райсдзыстӕм балансмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ райдайдзыстӕм уарын",- загъта Къацты Гено.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фатертӕ чи уары, уыцы цӕрӕнуатон къамис ранӕуӕггонд ӕрцыд.
"Йӕ сконды раздӕры кусджытӕй баззад бирӕтӕ, алкӕцы уагдоны минӕвар дӕр дзы ис ",- бафтыдта уый.
Горӕты администрацийы радты хыгъдты лӕууынц 2500 бинонтӕ.
Цхинвалы цӕрӕн фонд баххӕст уыдзӕн цыппар ног корпусӕй