ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты. Паддзахадон ӕмӕ хицауады хорзӕхтӕ радтой президент Гаглойты Алан ӕмӕ премьер-министр Джуссойты Константин.
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты
© Sputnik / Фатима Плиева
Цытджын церемони ацыд хицауады аппараты бындурӕвӕрды боны цытӕн. 2006 азы 6 октябры президенты барамындӕй президент ӕмӕ хицауады администраци рацарӕзтой Президенты администраци ӕмӕ Хицауады аппаратмӕ. Президент раарфӕ кодта аппараты кусджытӕн, йæ зæрдæ сын загъта ӕнтыстыты фӕндӕгтӕ куысты ӕмӕ царды.
"Фыццаг хатт ӕмбӕлын уемӕ президенты бынаты. Аразинæгтæ ма нын бирæ ис. Абон мӕхицӕн дӕр у ӕхсызгон сымахӕн хорзӕхтӕ дӕттын",- загъта Гаглойты Алан.
Майдантӕ ӕмӕ кады грамотатӕй хицауады аппараты кусджыты рахицӕн кодта премьер-министр Джуссойты Константин дӕр.
"Арфӕ уын кӕнын бӕрӕгбоны фӕдыл, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы цӕмӕй республикӕйы историйы баззайат, куыд йӕ размӕцыдӕн ахъаз чи фӕци ахӕм коллектив",- загъта хицауады сӕрдар.
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты
© Sputnik / Фатима Плиева