Ленингоры районы цӕугӕдон Ксаны фидар цӕуынц донбылтӕ ӕмӕ ивынц йӕ донвӕд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik, Фатима Плиева. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цӕрӕн-коммуналон службӕтӕ архайынц цӕугӕдон Ксаны донбылтӕ фидар кӕнын ӕмӕ йӕ донвӕнд фӕивыныл, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
Сӕрды тӕрккъӕвдаты фӕстиуӕгӕн цӕугӕдон акалд йӕ былтӕй, фӕласта цӕхӕрадӕттӕ, фӕндӕгтӕ ӕмӕ электроифтонгады цӕджындзтӕ.
"Районы администраци бацӕттӕ кодта мадзӕлтты комплекс, цӕмӕй фидӕны ахӕм донласттӕй бахизой район. Фидар цӕуынц цӕугӕдоны былтӕ, кӕмдӕрты ивд цӕуы донвӕд",- загъта уый.
Ленингоры районы донивылдты фӕстиуджытӕ нырма дӕр кӕронмӕ иуварс не ᾿рцыдысты.
Ленингоры районы цӕугӕ дон Ксаны фидар цӕуынц донбылтӕ ӕмӕ ивынц йӕ донвӕд
"Ломисы кувӕндонмӕ сӕндидзӕн кодтой фӕндаг, куыст цӕуы "Энергоресурс"-имӕ иумӕ электроэнергийы хаххы цӕджындзтӕ сфидар кӕныныл. Стӕй ма цӕрӕн-коммуналон службӕйы кусджытӕ архайынц Ленингор-Къоринтайы фӕндаг саразыныл",- бафтыдта уый.
Куыстытӕ фӕстиад кӕны техникӕйы цухдзинад. ЦКХ автопрак фӕстаг хатт баххӕст кодтой 2008 азы.
Ленингоры районы цӕугӕ дон Ксаны фидар цӕуынц донбылтӕ ӕмӕ ивынц йӕ донвӕд