Депутаттæ банхъардтой уæлбартæ фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ Украинæйы фæмардуæвджытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik, Козаты Диана. Парламенты вице-спикер Чилæхсаты Владимир банхъардта саразын уæлбартæ Хуссар Ирыстоны хæстон архæйдтыты хайадисджытæн, фыдыбæстæйы фæмардуæвæг хъахъхъæнджытæн, афтæ ма æмбæстæгтæн, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы.
Уый банхъардта, цæмæй уыдон фидой коммуналон хæрдзты 50 проценты.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы бакусын законыл уæлбарты фæдыл æмбæстæгтæн, кæцытæ хæцыдысты Хуссар Ирыстоны, райстой цæфтæ. Бирæтæ, хъыгагæн, фæмард сты. Сæ нымæцы, Украинæйы чи ис, уыдон. Уыцы адæм тох кодтой æмæ кæнынц Ирыстоны сæраппонд", - загъта Чилæхсаты Владимир.

Фыццаг вице-спикер Гасситы Петр банысан кодта, ацы фарстыл кæй дзырдтой фракци "Иугонд Ирыстон"-ы уæнгтæ дæр. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы сæхгæнын хæстæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæ фæмард сты Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.
Депутатттæ хорзыл банымадтой ацы хъæппæристæ. Парламенты спикер Æлборты Алан банхъардта бакусын ацы фарстытыл æмбæлон комитетты æмæ бавдисын хъæппæристæ.