ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы баконд Дзæуджыхъæуы нывæндынц 2023 азы маймæ, хъусын кæны РИА Новости.
Евгений Вахтангов (1883-1922) – уырыссаг æмæ советон режиссер, райгуырд Дзæуджыхъæуы. Вахтангов у Студентон драматургийы студийы бындурæвæрæг, кæцы дарддæр хуындис МХТ Æртыккаг студи, 1926 азы та йæ схуыдтой Евгений Вахтанговы номыл Театр.
"Егъау реконтсрукцийы фæстæ 2023 азы майы нывæндæм бакæнын Евгений Вахтанговы хæдзар-музей Дзæуджыхъæуы. Ам уыдзæн культурон центр театралон-концертон залимæ", - загътой уагдоны.
Реконструкцийы проект бацыд юбилейон мадзæлтты номхыгъдмæ театры 100 азы юбилеймæ, кæцы ацыд 2021 азы. Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй центры фыццаг уæладзыгыл уыдзæн чысыл театралон-концертон зал, дыккагыл та – сцалцæг кæндзысты Вахтанговы бинонты цæрæн апартаменттæ. Афтæ ма дзы бакæндзысты кафе æмæ уагъд цæудзысты экскурситæ.