Ирыстоны цæрæджы схорзæхджын кодтой майданæй "За спасение погибавших" СÆО зонæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин æрфыста барамынд Цæгат Ирыстоны цæрæг Битарты Артуры, кæцы хайад исы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы, схорзæхджын кæнын майданæй "За спасение погибавших". Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион.
Раздæр Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой кæстæр сержант Саулохты Хетæджы хъайтардзинады тыххæй. Уымæн йæ дæлхайад стыр зиан æрхаста украинаг националистты къордæн.
Куыд банысан кодтой уагдонады, Саулохты фырты сæрмагонд хъæбатырдзинад æмæ æрхъуыдыйы фæрцы уæрæсейаг æфсæдты ныхмæ провокаци хæлд æрцыд.
Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ фæлварынц ракетон æфсæдтæ æмæ артиллерийæ пайда кæныны ног фадæттæ