Хуссар Иры столицӕйы бакодтой равдыст Нывгӕнӕджы бонмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы нывгӕнӕджы боны цытӕн бакодтой цӕдисы уӕнгты куыстыты равдыст. Экспозицийы ис 50 куысты 27 авторӕн.
"Мах фыццаг хатт нысан кӕнӕм Нывгӕнӕджы бон, фӕлӕ фидӕны уый суыдзӕн хорз традици, аз иу балхынцъ кӕнӕм равдыстӕй. Бузныг мӕ зӕгъын фӕнды паддзахады разамонӕгӕн йе 'ххуысы тыххӕй мадзал саразыны хъуыддаджы", - загъта цӕдисы хистӕр Битеты Алан.
Мадзал ӕрӕмбырд кодта бирӕ уазджытӕ, чысыл равдыстадон залы адӕмӕй азмӕлӕнтӕ нал уыд. Равдыстмӕ хаст ӕрцыдысты ног фыст куыстытӕ хицӕн здӕхӕнты, стӕй ма хъӕдырмӕг ӕмӕ ӕфсӕнӕй конд.
Равдысты уазӕг, нывгӕнӕг, горӕты администрацийы разамонӕг Къацты Гено йӕ раныхасы баныфсӕвӕрдта, кӕй бацархайдзысты, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны фӕзына уӕрӕх аивадон галерей.
Хуссар Иры столицӕйы бакодтой равдыст Нывгӕнӕджы бонмӕ