Цæгатирыстойнаг амалиуæгдартæ сарæзтой СÆО æфсæддонтæн æххуысы фонд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны амалиуæгдартæ сорганизаци кодтой Донбасс бахъахъхъæнынæн сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг æфсæддонтæн æххуысы фонд. Уый тыххæй хъусын кæны "15-æм Регион".
Республикæйы разамонæг радзырдта, бизнесментæ кæй райсынц информаци, æфсæддонтæн æнæмæнгхъæуæг цы у, уый тыххæй.

"Æрæджы нæ æмбæстæгтæ Геленджикæй æрбарвыстой хæдтулгæ. Мах балхæдтам хæдтугæтæ, цæмæй сын иу ранæй иннæ ранмæ ацæуæн уа. Уыцы куыст ныридæгæн нывыл у, - загъта Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ма банысан кодта, къорд "Алани" кæй сарæзта ифтонгады пункт. Æнæмæнхъæуæг дзаумæттæ фæхæццæ кæнынц комкоммæ æфсæдонтæм.