Хуссар Ир хайад исы Æхсæнадæмон экономикон форумы Дзæуджыхъæуы

Sputnik
Дзæуджыхъæу, 9 дек - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы майрæмбоны райдыдта VIII Æхсæнадæмон экономикон форум "Южные ворота России". Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Сомихстон, Иран æмæ Белоруссийæ делегаттæ.
Арфæйы ныхасимæ хайадисджыты раз ралæууыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Æгъуызарты Мурат æмæ бузныг загъта æрбацæуджытæн.
Хуссар Ир хайад исы Æхсæнадæмон экономикон форумы Дзæуджыхъæуы

"Æхсызгон мын у Дзæуджыхъæу æстæм хатт кæй ссис ахæм стыр нысаниуæгджын диалогы фæзуат. Цæгат Ирыстон у бастдзинады таг. Ауылты цæуы иууыл рагондæр базарадон фæндаг Уæрæсейæ Фæскавказ æмæ Æввахс Скæсæнмæ. Ацы форум ахъаз фæуыдзæн алыхуызон паддзахадты базарадон бастдзинад æмæ райрæзтæн", - загъта Æгъуызарты Мурат.

Форумы пленарон рабадты хорзæхджын æрцыдысты азы хуыздæр социалон проекты конкурсы уæлазихдзаутæ. Мадзал адарддæр кодтой иннæ паддзахадтæй хайадисджытæ æмæ делегатты раныхæстæй. Форум йæ куыст фæуыдзæн сабаты, хатдзæгтæ куы æрнывыл кæной, уæд.
Хуссар Ир хайад исы Æхсæнадæмон экономикон форумы Дзæуджыхъæуы