Цхинвалы ацæудзæн хæрзаудæн акци Ног азмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æххуысхъуаг бинонтæй сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ æрбахæсдзысты Митын дада æмæ Митын чызг. Уый тыххæй Sputnik пресс-центры радзырдтой хæрзаудæн акцийы инициатортæ - Паддзахадон радио "ИР"-ы директор Цхуырбаты Алан, Цхинвалы мидхъуыддæгты дæлхайады æнахъомты фæдыл хайады хистæр Гататы Лали, блогер Гуыбеты Зæринæ æмæ волотер Мане Агаджанян.
Цхырбаты Алан
Уыдоны хъæппæрисæй аз цалдæр хатты организацигонд æрцæуынц æххуысхъуаг бинонтæн акцитæ. Æрбамбал сæм вæййынц зæрдæрисгæ æмбæстæгтæ: æрбахæссынц хæлцадон продукттæ, пысултæ, хъазæнтæ, афтæ ма æххуысс кæнынц æхцайы фæрæзтæй.
Мане Агаджанян
Нæуæг азы къæсæрыл волонтертæ æруынаффæ кодтой ауадзын радон акци – ахæм бинонтæн æртымбыл кæнын æнæмæнгхъæуæг хæлцадон продукттæ.
Уымæй дарддæр ма уыдзысты адджын лæвæрттæ сæрмагондæй сывæллæттæн. Лæвар та сæ кæндзысты Митын дада æмæ Митын чызг.
Акцимæ алкæмæн дæр ис гæнæн ис æрбамбал уын.
Гуыбеты Зæринæ