Цæгат Иры бакодтой тоннель "Мамысон"-ы курортмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны эксплуатацимæ радтой тоннель туристон комплекс "Мамысон"-мæ, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Тоннелы дæргъ у 496 метры. Объекты арæзтадыл бахардз кодтой 1,1 миллиард сомы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Транспортон тоннель у фæндаджы иуыл ахсджиагдæр хæйттæй сæ иу, кæцы цæуы фидæны курорт "Мамысон"-мæ. Цалцæггæнæн куыстытæ уагъд цыдысты дыууæ азы дæргъы.
Пресс-службæйы бафтыдтой, зæгъгæ, цытджын церемонийы фæстæ тоннелы уылты фыццаг аскъæрдта уæзласæн хæдтулгæты автоколоннæ.