Дзæуджыхъæуы аэропорты бафыстой бадзырд транспорт æмæ туризмы райрæзты фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы æхсæнадæмон аэропорты ног терминалы цыппæрæмы бафыстой æртæварсон бадзырдтæ туризмы райрæзтæн. Фыццаг документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой аэропорты гендиректор Сергей Чалов æмæ аивакомпани "Северный ветер"-ы минæвар Антон Маттис.
Гендиректоры ныхæстæм гæсгæ, бадзырд фадат дæтты кусын ног здæхтыты æмæ организаци кæнын рейстæ.
"Абон мах сæххæст кодтам æнæхъæн аз нæ цы фæндыд, уый, райстам субсидитæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, пассажиртæн нрыидæгæн дæр сæ бон у кæсын, æвзарын командировкæтæ æмæ туристон балцытæ", - загъта Чалов.
"Северный ветер"-ы минæвар банысан кодта, компани кæй райста атахтыты программæ Цæгат Кавказы регионтæм.
Дзæуджыхъæуы аэропорты бафыстой бадзырд транспорт æмæ туризмы райрæзты фæдыл
Дыккаг документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой туризмы фæдыл цæгатирыстойнаг комитеты сæргълæууæг Дзæрæхохты Ацæмæз æмæ туроператор "Пегас Туристик"-ы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Илона Чиханацкая.
Дзæрæхохты Ацæмæз банысан кодта, уый кæй у стыр къахдзæф туристты нымæц фæфылдæр кæнынмæ.
Чиханацкаяйы ныхæстæм гæсгæ, аэропорт "Дзæуджыхъæу" æмæ Цæгат Ирыстон тынг цымыдис кæнынц туроператоры куыдж туризмы регион.
"Мах нывæндæм 2023 азы рауæрæх кæнын æмгуыстад бынæттон компанитимæ æмæ фæфылдæр кæнын туристты нымæц республикæйы", - бахахх кодта уый.
Дзæуджыхъæуы аэропорты бафыстой бадзырд транспорт æмæ туризмы райрæзты фæдыл