Цæгат Иры скъолатæ æмæ сабидæтты адарддæр кодтой карантин

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ æмæ сабидæтты хъомылгæнинæгтæ дарддæр уыдзысты карантины, хъусын кæны 15-æм Регион.
Арæнæвæрдон мадзæлттæ адарддæр кæнын баст у КРВИ-йы апарахатимæ, уый аххосагæй ахуырадон уагдæтты фæрынчын сты сывæллæтты 20 процентæй фылдæр.
Цæгат Ирыстоны Роспотребнадзор дарддæр мониторинг кæны уавæр. Ныртæккæ карантиныл сæхгæдтой 202 сабидоны, 194 скъолайы æмæ дыууæ профессионалон ахуыргæнæндоны.
Арæнæвæрдтæ уыдзысты, цалынмæ рынчынты нымæц ма фæкъаддæр уа, уæдмæ.
Хуссар Иры сæйраг санитарон дохтыр радзырдта, кæцы скъолатæ æмæ сабидæттæ сæхгæдтой