ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент нывæнды æркæсын УФ Паддзахадон думæйы куырдиатмæ уæрæсейаг уацайраг æфсæддонты украинæйаг нацисттæ кæй фехстой, уый фæдыл.
Паддзахадон думæ ноябры æрсидт дунейы парламенттæм, цæмæй фæазымджын кæной киеваг режимы фыдракæндтæ æмæ баххуыс кæнын бафхæрын аххосджынты. Хызæджы апарахат видеоæрмæг, кæцыйы украинæйаг æфсæддонтæ фехстой хæстуацайраг уæрæсейæгты, кæцытæ хуыссыдысты зæххыл.
Хуссар Ирыстоны парламенты вице-спикер Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, Паддзахадон думæйы куырдиат æрбацыд республикæйы парламентмæ дæр.
"Уый у иумæйаг практикæ – æрбарвитын махмæ куырдиæттæ, цæмæй райсой æмбæлон реакци", - банысан кодта депутат.
Гасситы Петр бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны парламент дæр кæй райсдзæн уынаффæ ацы куырдиаты фæдыл.
"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, парламент хъуамæ сразы уа сфидар кæнын ацы куырдиат", - бафтыдта уый.