ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты 20 декабры байгом уыдзæн ногазон армукъа. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Цхинвалы админстрацийы фæлхасгæнæг базары фадыджы сæргълæууæг Къобесты Маирбег.
"Армукъа байгом уыдзæн сом æмæ адарддæр уыдзæн Ног азмæ. Администрацимæ сæ гæххæттытæ бадæттой 38 амалиуæггæнæджы, кæцытæ сæвæрдзысты цатыртæ", - банысан кодта Къобесты Маирбег.
Традицимæ гæсгæ, армукъа байгом уыдзæн горæты базар №2 æмæ Анахарсисы номыл Националон библиотекæйы раз.
Хуссар Ирыстоны столицæйы ногазон армукъа алы аз дæр йæ куыст райдайы декабры дыккаг æмбисы, уæййаг дзы вæййы ногазон декоры бирæ цымыдисон хуызтæ.
Уымæй дарддæр ма æввахс бонты Цхинвалы æрæвналдзысты горæт рæсугъд кæнынмæ Ног азмæ. Бæрæбонмæ сфæлынддзысты сæйраг горæты цалдæр уынджы: Джиоты Аланы проспект, Сталины уынг, Путины уынг æмæ Харебаты Исахъы уынджы хæйттæ.
Декабры æмбисæй фæстæмæ Тетралон фæзуатыл райдыдтой республикæйы сæйраг наз бæлас æвæрыны куыстытæ. Аразгæ 15 метры наз бæлас æлхæд æрцыд 2017 азы горæты администрацийæ. Мэрийы хъуыдымæ гæсгæ, аразгæ назбæлас ивæрзын кæны бирæазон хихджын хъæдтæ ракалынæй.