Дзæуджыхъæуы фæзындзысты ретро-трамвайтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны трамвайты стилизаци скæндзысты ретромæ. Уый тыххæй барамынд радта республикæйы сæгълæууæг Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславæн, хъусын кæны информацион портал "15-æм Регион".

"28 зæронд трамвайæ 4 сты муниципалонтæ. Ахъуыды кæнут, куыд сæ саразын хъæуы ретро-трамвайтæ, суæздан сæ кæнын, цæмæй зæронд æмæ ног горæты сурæттæ иумæ рафидауой. Стыр фæрæзтæ дзы нæ хъæуы", - загъта республикæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы æрсидын Уралæй специалисттæм, кæцытæ ифтонг кæнынц ног трамвайтæй.
Раздæры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты ног трамвайтæ, кæцытæ сты арæзт фæстаг техникон домæнтæм гæсгæ. Ис дзы фылдæр электроникæ, скъæрæгæн сты æнцондæр æмæ æдасдæр архайæн, афтæ ма дзы ис сæрмагонд бынæттæ æмæ кондуктормæ сидæн кънопкæ сахъатджын адæмæн.
Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыд "Ногазон трамвай"