ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Ирвæзынгæнæг æмæ зынгфæдисон – уæздан професситæ, кæцытæн иууылдæр кад кæнынц, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы республикæйы ирвæзынгæнæн службæйы кусджытæн.
Хуссар Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ дыццæджы, 27 декабры, нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон.
"Сæ куысты граждайнаг хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон бæллæхты фæстиуджытæ аиуварс кæныны министрады агурæн-ирвæзынгæнæн къорд иузæрдыг у æнусон хæзнатæн – кад, намыс, хъайтардзинад, уæздандзинад æмæ цæттæдзинад баххуыс кæнын адæймагæн, кæцы бахаудта зындзинады", - хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, профессионализм, куыстмæ иузæрдыгдзинад æмæ хъайтардзинад ирвæзынгæнджытæ бирæ хатт æвдыстой уæлвæткон цаутæ ликвидаци кæныны рæстæджы.
Президент равдыста ныфс, ирвæзынгæнджытæ дарддæр аккагæй службæ кæндзысты Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн.