ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Проект "Зарæг"-ы уæлахиздзау ссис 12-аздзыд Хаситы Арсен, кæцы райста кæсджыты хъæлæсты фылдæр хай.
Хуссар Ирыстоны столицæйы къуырисæры изæры ацыд сывæллæтты вокалон проект "Зарæг"-ы финал. Мадзалмæ, кæцы ацыд Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры бæстыхайы, бацыдысты республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ культурæйы бирæ архайджытæ.
Финалы уæлахизыл тох кодтой æхсæз æвзонг курдиатджын æххæстгæнæджы – Гатыгкоты Лина, Къæбулты Кристина, Теблойты Камилла, Биазырты Арина, Дзуццаты Тимур æмæ Хаситы Арсен. Хайадисджытæ сæххæст кодтой фæйнæ дыууæ музыкалон номыры – фæсарæйнаг æмæ ирон æвзагыл.
Конкурсантты фарс лæууыдысты сæ хъомылгæнджытæ æмæ жюрийы уæнгтæ – Гæджиты Жанна, Гатыгкоты Нина æмæ Харебаты Вадим. Фæлæ ацы хатт уæлахиздзауы бæрæг кодтой кæсджыты хъæлæскæнынады руаджы.
Финалы хайадисджыты ралæудты фæстæ проекты амонæг Мамиты Григорий расидт кæсджыты SMS-хъæлæскæнынад. Уый хатдзæгтæм гæсгæ проект "Зарæг"-ы уæлахиздзау ссис Хаситы Арсен.
Хаситы Арсен
© Sputnik / Natalia Airiyan
Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахстой Дзуццаты Тимур æмæ Теблойты Камилла.
Проекты уæлахиздзау райста æхцайы приз 60 мин сомы бæрц, дыккаг æмæ æртыккаг бынæтты тыххæй та райстой 50 æмæ 40 мин сомы. Проекты аннæ хайадисджытæн радтой грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Сывæллæтты вокалон проект "Зарæг" - фыццаг телеуынынадон проект Хуссар Ирыстоны, кæцы сорганизаци кодтой республикæйы культурæйы министрад æмæ ПТРК "Ир"-ы хъæппæрисæй. Конкурсы хайад райстой 36 сывæллоны 9-17 азы кары. Проекты жюрийы сконды уыдысты Хуссар Ирыстоны адæмон артист Харебаты Вадим, Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны директор æмæ эстрадон дæлхайады хистæр Гæджиты Жанна æмæ Гатыгкоты Нина.