Католикон Цыппурсы хæдразмæ корпораци RAND рауагъта доклад Америкæйы эскалацийы стратегийы фæдыл Уæрæсейы ныхмæ.
RAND аналитикты хъуыдымæ гæсгæ, Вашингтоны сæйраг хæслæвæрд ныры кризисы у "æфхæрын" æмæ "уромын" Уæрæсейы. Фæлæ уый хъæуы аразын афтæ, цæмæй Уæрæсейæн æфсон ма фæзына спайда кæнын ядерон хæцæнгарзæй æмæ уавæр ма æркæна æххæст хæстмæ Уæрæсе æмæ НАТО-йы æхсæн.
RAND доклад азымджын кæны Украинæйы конфликты дарддæры эскалацийы нæ бæстæйы. Уый у пропагандистон къахдзæф, кæцы развæлгъау аиуварс кодта америкæйаг провокацитæ. Уый у куыд Запорожаг АЭС-имæ уавæр: æхсгæ йæ Украинæйы Гарзджын тыхтæ кодтой, америкæйæгтæ та дунейон информацион фæрæзты азымджын кодтой Уæрæсейы.
Эскалацийы сценарийы ис æртæ акты. Фыццаг къахдзæф – Уæрæсейы атакæ Америкæйы цæдисонтыл НАТО-йы блокæй. Дыккаг – Вашингтоны реакци. Æртыккаг – Мæскуыйы реакци ацы реакцимæ.
Америкæйæгтæн сæйраг, кæй зæгъын æй хъæуы, у дыккаг къахдзæф. Вашингтон хъуамæ равдиса йæ цæдисонтæн, НАТО-йы уставы фæндзæм статья кæй кусы æмæ Америкæ кæй бахъахъхъæндзæн йæ европейаг дæлбар бæстæты. Фæлæ ацы къахдзæф афтæ хъæуы саразын, цæмæй Уæрæсе ма расида дарддæры эскалаци.
Хæстон архæйдтытæн арæзт æрцыд цыппар сценарийы. Фыццаг райдайы уымæй, æмæ Уæрæсе ракетон хæцæнгразæй фехста æфтауц кæнæ афтид аэродром, гæнæн ис, Польшайы, æмæ уыимæ иумæ домы Вашингтонæй æруромын хæцæнгарзы æрвыст Украинæмæ.
Дыккаг вариант – америкæйаг спутникыл атакæ космосы. Æртыккаг та – æххæст атакæ ракетæтæй Польша æмæ Румынийы авиабазæтыл, кæцытæ хæцæнгарз æрвыст цæуы Украинæмæ. Аткæйы фæстиуæгæн мæлынц æфсæддонтæ æмæ сабыр цæрджытæ.
Уæд Америкæ хъуамæ сæххæст кæна Уæрæсейы территорийы арæнæвæрдон æхст, æмæ уыимæ иумæ дипломатон диалон æххæст кæна Украинæйы темæйы фæдыл.
ЦЫппæрæм сценаримæ гæсгæ, Уæрæсе æххæст кæны масштабон ракетон атакæ америкæйаг базæтыл Европæйы, сæ нымæцы базæ Рамштайн æмæ порт Роттердамы. Уый фæстиуæгæн уыдзæн дыууæ сæдæм æввахс амæттаджы, сæ нымæцы граждайнæгтæ дæр.
RAND аналитикты хъуыдымæ гæсгæ, Америкæ туæд хъуамæ фехса ног уæрæсейаг территоритæ, уымæн æмæ сæ нымайы Украинæйы территорийыл. Фæлæ уæддæр хъæудзæн тæрсын Уæрæсейы ядерон хæцæнгарзæй æмæ активонæй пайда кæнын пропагандæ æмæ дипломатийæ, цæмæй ма руадзой асайын хæст ядеронмæ.
RAND аналитикты доклад у фæлварæн саразын нывæст америкæйаг провокацийæн европейаг бæстæ – НАТО-йы уæнджы территорийыл, фæазымджын кæнын Уæрæсейы æмæ спайда кæнын уымæй сæ атакæйæн. Уый гæнæн ис уа срæмыгъд аэродром кæнæ æфсæддон базæйыл, порты кæнæ хæцæнгарзимæ æфтауцы.