Ногазон лӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ: Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас. Рӕсугъд фӕлыст наз бӕласы фарсмӕ сарӕзтой рӕсугъд ногазон мадзал, районы разамонӕгӕй истой ногазон лӕвӕрттӕ, сабиты ирхӕфстой аниматортӕ, сӕхӕдӕг дӕр фӕстӕ нӕ лӕууыдысты, уыдон та дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ.
"Бӕрӕгбонмӕ ӕрбацыдысты бирӕ сабитӕ, ирхӕфстой сӕ аниматортӕ ӕмӕ аргъӕутты хъайтартӕ. Сабитӕ та кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ", - загътой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.
Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас
Мадзалы хайад райста районы хистӕр Тыбылты Ванда дӕр.
"Районы хистӕрӕй ногазон лӕвӕртттӕ райстой районы скъолайы агъоммӕ уагдӕтты хъомылгӕнинӕгтӕ, райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ районы администрацийы кусджыты зӕнӕг", - бахахх кодта пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана
Дзауы бакодтой районы сӕйраг наз бӕлас